Юлия Санахъоты

Нæмыгдзæф бонтæ


Скачать книгу

сæ мæ хорз ахуырæй райстон,

      Æххуысмæ алкуы дæр – цæттæ..

      Куыд байрайдзæн нана, уый зонын.

      Хъæбыс ныккæндзæн мæн фæлмæн.

      Мæн та йæ зæрватыкк ысхондзæн,

      Мæ цинæн нал уыдзæн фæуæн.

      Æруадздзæн хъарм къухтæ мæ рустыл,

      Рæвдаудзæн рухс цæстæнгас мæн.

      Йæ уаз, фæлмæн хъæлæс – мæ хъусты,

      Кæндзæни аргъæуттæ мæнæн.

      Мах иумæ сфæлындзæм нæ зазы, —

      Йæ быны ссарын æз лæвар.

      Цæгаттаг Митын лæг нæ хъазы, —

      Лæвæрттæ ́рхæссы уый дзæвгар.

1998

      Уалдзыгон ныв

      Митдон

      Куы ́рлæууы цадæг уалдзæг, —

      Ныззæлланг кæны æрдз.

      Зымæг – нæ урссæр уазæг,

      Рæвдз феппары йæ кæрц.

      Цæрдæг ызгъоры митдон,

      Дзæнгæрджытæ цæгъды:

      «Фæдис, фæдис! Ныр лидзон!»

      Æхситтгæнгæ тæхы.

      Дидин

      Цъæх-цъæхид гауыз зæххыл, —

      Æрхаста уалдзæг хуын!

      Фæзындис дидин рæгътыл,

      Рæвдауы цæст йæ уынд.

      Ныдздзагъыр и, ныджджих ис,

      Гуылфæг цардæй тæрсы.

      «Цы у нæ царды мидис?» —

      Цæстæнгасæй фæрсы.

      Æрдзы фидыц фæлгæсы…

      Йæ цардæй алыгъд бон!

      Зæрин хур æм ныккæсы,

      Узæлы йыл зæдон.

      Рæсугъддзинад æрдз тауы,

      Ныййазæлы йæ цин.

      Фæндтæ нæ дидин уафы,

      Йæ уаз уды нæй хин.

      Мыдыбындз

      Мæ цæсты раз мыдыбындз

      Кæны æвзыгъд кæлæн.

      Фæллойгæнæг, æрдзы чындз, —

      Йæ куыстæн нæй фæуæн!

      Гæлæбу

      Дзыгъуыр гæлæбу сæрра, —

      Йæ мæтæн нæй кæрон:

      Уысмæн гуырдæй куыд цæра,

      Куыд айваза йæ бон?

      Хъæдхой

      Хъæдхойтæ тулдзы фадынц,

      Ерысæй ́хсиды куыст.

      Уæд булæмæргъы уадындз

      Фæсуры уды рыст!

      Сæрдтон бон

      Хæрздæфæй дуне байдзаг,

      Улæфын у æнцон.

      Зæлифтонг уалдзæг – райдзаст,

      У зæрдæйæн æхцон!

1998

      Фæндагыл

      «Сраст кæнут бандæттæ, бабæттут рæттæ!»

      Сарæзта хæдтæхæг зæхмæ йæ ных.

      Дардæй мæм нал зынынц райгуырæн хæхтæ…

      Йеныр мæн бахъæудзæн хорз митæн тых!

      «Стыр Хуыцау, ́сфæндæт дæ, срæвдз кæ нæ хъуыддаг!

      Фенæт нæ хæствæллад адæмы ́ддæ.

      Базонæт Белгийы адæм нæ мыггаг,

      Рттивæд нæ аивад!» – цагътон сæнттæ.

1998
* * *

      Ныууагътой адæм цардагур сæ уæзæг, —

      Фæйнæрдæм сæ ныппырх кодта хъысмæт.

      Тæхуды, уæт дæ фæндиаг дæ фæззæг, —

      Æнцойад – уды… Зымæг, уадз, хъызæт!

1999

      «Цыбыр у лæджы фæндаг царды…»

      Цыбыр у лæджы фæндаг царды.

      Цæргæйæ фæкæнæм мах дугъ.

      Ыстæмты ном айзæлы дардыл, —

      Фыдыбæстыл чи тад æдзух.

1999

      Уарди

      (Арын дзы мæ мады рухс ном)

      «Нæ сыхæгтæ æрхастой уарди!» —

      Ысдзырдтой