Юлия Санахъоты

Нæмыгдзæф бонтæ


Скачать книгу

дæр нал кодта фынæй.

      Æмæ уæззау куыстæй ныруади…

      Цух кодтой сабитæ хæлцæй.

      Нæ уыд сæ фынæйыл хъæцынхъом!

      Æххуыс ын кодтой ныр цæрдæг.

      Дих кодтой мадимæ хæсты ́ргъом, —

      Лæджы бындзæфхæдтæ æцæг!

2000

      Фæдис

      Уæ хъысмæтыл абон нæ катай, —

      Кæй хъæуы фæдонтæ – рынчын?

      Куы сæфынц нæ цæсты раз радгай…

      Кæй фæнды æвæдæй мæлын?

      Фыдгул уыл нæ фæтых æхсарæй,

      Ныр сагъæссаг сомбон фæцис.

      Фыдбылыз, фыдмарг нæм ысарæх, —

      Куыд сабырæй бадæм… Фæ-ди-и-ис!

      Ирыстоны мæсыг æнусты

      Нæ цудыдта знаджы цæфтæй,

      Ныр уайы йæ къæс-къæс мæ хъустыл, —

      Кæлдзæнис, кæлдзæнис зæфцæй!

      Ныййарæджы ́гомыг цъæхахстæй

      Нæ хæхтæ нырризынц, хъæрзынц.

      Дзæнæттаг хъайтартæн зæхх аскъуыд,

      Уæ мæтæй дыккаг мард кæнынц:

      «Мах не ́взонгад раттам нывондæн

      Нæ фидæны фарнæн рæдау.

      Нæ бæллиц нæ сæнтты нывгондæй,

      Нæ зæрдæты хастам цыртау.

      Кæд суаид нæ уæзæг сæрибар,

      Кæд рафтауит дидинæг Ир.

      Ныууадзиккой мах кæд нæхи бар,

      Нæ нысан кæд разынид ирд!

      Æгæрц æмæ гомæй, æххормаг,

      Нывондæн уын хастам нæ цард.

      Кæд бакуымдтай сайын, æмкоймаг,

      Зон, фехстай нæ бæллицы дард!»

      Нæ фыдæл Къоста нæ фæдзæхста, —

      Фыдæзнаг нæ былмæ тæрдзæн…

      Ныр, акæс, фыдгул уын æрхаста

      Уæззау «хуын», кæны уæ цæгъдæн!

      Куы нал ыстæм скифтау милуантæ,

      Ызгъæлæм фæззæджы дыргъау.

      Аккаг, зæгъгæ, не стут алантæн, —

      Кæнынц нын лæджы цард æвгъау!

      Ыскæнæм нæ удтæй цæугæ уарт, —

      Нæ Сом-мæ фыдбылыз нымдзаст!

      Ыссудзæм ныхдуры цæхæр арт,

      Ныссур кæнæм ацы цъыфдзаст!

2000

      Цы уыдзæн нæ фидæн?

      Æндон цирхъау Иры зæрдæйы арæн!

      Куыд æрцыд уый, куыд баистæм фынæй?

      Куыд ис лæгæн йæхи удимæ уарæн?

      Цæмæн хæссæм уынаффæтæ цъындæй?

      Цæнгæткъух æмæ их зæрдæйæ дихгонд —

      Нæ зæхх. Хæссæм æгомыгæй нæ уаргъ.

      Цæмæн фестæм, цæ, арвы ́лгъыстæй хингонд?

      Куы нал кæнæм нæ сæртæн, гормон, аргъ.

      Дыууæ дзæкъулау иу хохыл зæбулæй

      Ныммыр нæ дзыллæ, алы хъыг быхсы…

      Нæ фыдæлтæн нæ лæууыд хох цæлхдурæн,

      Куы-иу фæцыд фæдис: «Цæгат тыхсы!»

      Ныр мах нæ зæххыл «оммен» -ы бон нал ис, —

      Фæйнæрдыгæй нын амонынц цæрын.

      Мыййаг кæд Ир æваст мæрдвынæй бацис, —

      Нæ йæм хъуысы тызмæг хæхты хъæрзын.

      Æнус фæцис, нæ та разынд нæ «Фыййау»,

      Мах чи скæнид æмзонд æмæ æмвæнд.

      Фыдæлты фарныл чи схæцид уæлиау,

      Кæй зондæй ́рттивит мин азты нæ фæд!

      Дунескæнæг, о, ма нæ фесаф растæй!

      Кæндзыстæм дын нæ рыст удтæй лæггад.

      Фыдбылызæй нæ бахъаггæн, фыдмастæй,

      Нæ зæххыл байтау фарн æмæ бæркад!

2000