Юлия Санахъоты

Нæмыгдзæф бонтæ


Скачать книгу

уæм урс хæхты уаз раны,

      Уым ссудзæм нæ фидæны рухс!

2000

      Катай

      Нæ дæн уынæг æз афæдзгай цæгаты, —

      Мæ зæрдæйæн йæ удæнцой йæ ныфс.

      Куы иу фестин æнæтухи Цæгаты…

      Хъæуы лæджы æнæбасæтгæ уысм!

      Ныццæнд вæййынц хæдтулгæтæ фæд-фæдыл

      Ирыстонæн йæ тызмæг тары раст.

      Зынджы зæйтæ ивылынц ам дæ сæнттыл…

      Куыд уыдзыстæм?

                                  Кæдмæ быхсдзыстæм маст?

2000

      Абайты Васойы 100 азмæ

      Нæ Иры Хур Дæу буц номæй куы схонынц,

      Дæ дисæн уæд куы нал вæййы кæрон:

      «Хур иу вæййы, – уый адæм тынг хорз зонынц, —

      Къоста хуыйны нæ Иры хуры ном!»

      Дунейы сæрмæ зонады цъæх арвыл

      Ирон Ыстъалы калы ирд цæхæр.

      Нæ буц æвзагæн чи схæцыд йæ кадыл,

      Мах уый номæй бæрзонд хæссæм нæ сæр!

      Ирон дзыллæ – Дæ уды фарнæй хайджын.

      Кæндзæн Дæ фæд тьымы-тьыматы рухс.

      Дæ тырысайы ́взыгъд фæсивæд барджын,

      Бæрзонд хæсдзæни зонады æдзух.

      Цы у æнус дæр? Афардæг и уайтагъд.

      Æцæг лæгæн у ахсджиаг йæ фæд…

      Дæ мæсыг – амад, фæндтæ —́ххæст, сты райдзаст!

      «Дæ цыртмæ фæндаг не ́суыдзæн кæрдæг!»

2000

      Гуырæнбоны цытæн

      Ис абон Нафийæн гуырæнбон.

      Ирыстон ын арфæ кæны.

      Хæлар ын чындæуы цæрæнбон.

      Йæ адæм ын бузныг зæгъы.

      Фæнды нæ æнæниз уай, хъæлдзæг,

      Хуыздæр дуджы райгæ цæрай.

      Дзаджджын уа, фæлмæн уа Дæ фæззæг,

      Фыдыбæсты амонд уынай.

      Ирыстоны иузæрдыг хъæбул,

      Уæзданæй, сабырæй цæрыс.

      Тыхст дуджы нæ мæсыг куы фæкъул, —

      Ныфсы цæджындз уымæн лæууыс

      Цæсгомæздæхт адæммæ ́дзухдæр,

      Йæ тыхст у Дæ зæрдæйы рыст.

      Нæ йæ уарзыс искæмæй цъусдæр,

      Нæ фæразыс уымæй ысхуыст.

      Æнцон фæндаг царды нæ зыдтай,

      Нæ Ирыл цырагъау сыгътæ.

      Дæ адæмыл дардæй нæ фыстай, —

      Фыдызæххæй истай тыхтæ.

      Дæ фæндиаг Ирæн йæ фидæн,

      Нæ кæстæртæй райæт Дæ уд.

      Нæ уæзæг цы нæ уал уа хицæн,

      Ирыстоны фидæны цинæй

      Ныккæсæт Дæ зæрдæмæ рухс!

      Нымайæд нæ мин хатты минтæй,

      Дæ дзыллæйы хорздзинад хъус!

2000

      Къусраты Анатолийæн

      Куыд дæм бадзурон? Ме ́фсымæр, мæ хæлар?

      Нымад гоймаг, егъау ахуыргонд, ныфс!

      Ды федтай, – знаг сыгъта нæ Ир – нæ хæдзар…

      Сыгъд хъæуты нымæц иу сæдæйæ хыст.

      Чысыл рæстæгмæ дард ранæй æрцыдтæ

      Фæцин кодта уæ фембæлдыл дæ мад.

      Раст йеуæд ныл æрхъула сты лæгсырдтæ,

      Фæкодтой уын уæ цины дæр æнад.

      Хъуыды кæныс, куыд сызнæт ис нæ горæт?

      Куыд ныл æзгъæлста знаджы къух æзды…

      Æгас дунейыл айхъуыстис нæ кой уæд,

      Дис кодтой, – ис ма скифты знæм æрдзы.

      Дæу ́рцагуырдтой бæрнон адæм дæ куыстæй.

      Æвæстиад дæу ацæуын хъуыдис.

      Мæстæлгъæдæй